Æрвылазау та Ирыстоны райдыдта Ирон æвзаг æмæ литературæйы къуыри.
Абон кадджын уавæры систам Ирыстоны тырыса, уый фæстæ азæлыд Ирыстоны гимн.
Алы къласы дæр ацыд урок "Разговоры о важном". Кълæсты разамонджытæ ахуырдзаутимæ æрдзырдтой ирон æвзаджы ахадындзинадыл, ирон культурæ æмæ æгъдæуттыл. Уæдæ къуырийы дæргъы дзæнгæрæджы бæсты зæлдзысты ирон зарджытæ. Абон ЦИПУ- цы ацыд " Коучинг- сесси ". Уым бацархайдта не скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Кадиты Людмилæ. Уый студенттæн радзырдта ирон æвзаг æмæ литературæ амоныны нырыккон мадзæлтты тыххæй , æрдзырдта ахуыргæнджыты æмæ студентты æмгуыстадыл. Гъе, ахæм цымыдисаг æмæ алцæмæй æххæст рауади бæрæгбоны къуырийы фыццаг бон. #мадауадджын2026